Бибылты Анатолий: Хуссар Ир хъуыды кӕны Никарагуайы бавӕрд республикӕйы банымадмӕ

© Sputnik / Алексей КовалевНикарагуа
Никарагуа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта йӕ никарагуайаг коллегӕ Даниель Ортегайӕн Сандинистты революцийы боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстон бузныг у Никарагуайы адӕм ӕмӕ къухдариуӕгадӕн се 'стыр бавӕрды тыххӕй республикӕйы ӕхсӕнадӕмон банымады хъуыддагмӕ, дзырдӕуы РХИ президент Бибылты Анатолийы арфӕйы никарагуайаг коллегӕ Даниель Ортегайӕн Сандинистты революцийы боны цытӕн.

Посол Южной Осетии в России Знаур Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Знауыр: Никарагуа у Хуссар Иры сæйраг æмцæдисонтæй иу Америкæйы

19 июлы Никарагуа нысан кӕны Сандинистты революцийы 39-ӕм афӕдзы бон, ацы цауы фӕдыл президент ӕмӕ республикӕйы адӕмӕн раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны президент.

"Никарагуайы адӕм уӕлахизы фӕстӕ райдыдтой аразын демократон ӕмӕ хӕдбар паддзахад. Дисы ӕфтауынц уӕ хицауады ӕнтыстытӕ социалон-экономикон райрӕзты", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон бузныг у Никарагуайы адӕм ӕмӕ къухдариуӕгадӕн сӕ стыр бавӕрды тыххӕй республикӕйы ӕхсӕнадӕмон банымады хъуыддагмӕ.

"Хуссар Ирыстоны тырнынц нӕ бӕстӕты хсӕн хӕларадон ахастытӕ дарддӕр дӕр райтынг кӕнынмӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Никарагуа банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы сентябры райдайӕны — Уӕрӕсе куы банымадта республикӕйы хӕдбардзинад, уымӕй дыууӕ къуыри фӕстӕдӕр. Уый фӕстӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадтой Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.

Ног хабӕртты лентӕ
0