Бибылты Анатолий снысан кодта Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министры

© Sputnik / Ада БагианМинистр обороны Южной Осетии Ибрагим Гассеев
Министр обороны Южной Осетии Ибрагим Гассеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг цыппӕрӕмы бафыста барамынд хъахъхъӕнынады уагдоны сӕргълӕууӕджы снысан кӕныны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта Гассеты Ибрагимы республикӕйы хъахъхъӕнынады министрӕй, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Снысан кӕнын Гассеты Алымбеджы фырт Ибрагимы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрӕй", — дзырдӕуы президенты указы.

Гассеты Ибрагим ныридӕгӕн уыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр — уагдоны сӕргълӕууӕгӕй йӕ снысан кодтой 2016 азы сентябры. 2017 азы апрелӕй фӕстӕмӕ уыд Хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Хуссар Ирыстоны райдыдтой æфсæддонты тактикон ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны райдыдтой æфсæддонты тактикон ахуыртæ

Биографи

Гассеты Алымбеджы фырт Ибрагим райгуырд 1978 азы 30 августы.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтӕм йӕм ӕрсидтысты 1996 азы.

Хицӕн рӕстӕджыты уыд взводы командир, сӕрмагонд нысаниуӕджы ротӕйы командир ӕмӕ йӕ хӕдивӕг, Хицӕн разысгарӕн батальоны командир.

Афтӕ ма Гассеты Ибрагим уыд РХИ хъахъхъӕнынады ӕмӕ уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг, РХИ хъахъхъӕнынады министры фыццаг хӕдивӕг, РХИ хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

IV ӕрсидты парламенты депутат.

2016 азы сентябры йӕ снысан кодтой хъахъхъӕнынады уагдоны сӕргълӕууӕгӕй. 2017 азы апрелӕй фӕстӕмӕ уыд Хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0