ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн уыдзӕн футболы дунейы чемпионаты финалӕй хуыздӕр, загъта цыппӕрӕмы журналисттӕн Уӕрӕсейы Боксы Федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев, хъусын кӕны РИА Новости.
WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн ацӕудзӕн Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы.
"Нӕ къухты бафтыд, цы нӕ фӕндыд, уый. Суперсерийы финал уыдзӕн Боксы боны размӕ. Дыууӕ номдзыд боксер фембӕлдзысты рингыл Мӕскуыйы 21 июлы. Ацы тох баззайдзӕн историйы, уӕрӕсейаг тох кӕндзӕн дунейы абсолютон чемпионы ном райсыны тыххӕй. Сымах федтат футболы дунейы чемпионаты финал, ацы тох уыдзӕн ноджы хуыздӕр", — загъта Кремлев.
Хуыцаубоны Уӕрӕсейы фӕцис футболы дунейы чемпионат. Финалы мӕскуыйаг стадион "Лужники"-йы Францийы командӕ рамбылдта Хорватийы 4:2 хыгъдӕй.