Банымады бонмӕ: Спортшколӕ райсдзӕн ног хуыз

© Sputnik / Фатима ПлиеваСпортшкола Цхинвал
Спортшкола Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕстыхайӕн цалцӕг ӕрцӕудзӕн йӕ разуынд ӕмӕ уӕззау атлетикӕйы зал

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цалцӕг цӕуы сывӕллӕтты ӕмӕ фӕсивӕды спорты скъола. 1974 азы арæзт бӕстыхай ног ӕддаг бакаст райсдзӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсейы ʻрдыгӕй банымайыны 10 юбилеймӕ, фехъусын кодта Sputnik скъолайы директор Бибылты Руслан.

Республикон сывӕллӕтты ӕмӕ фӕсивӕды спорты скъолайы архайы 15 секцийы бӕрц – уӕззау атлетика, бокс, ӕмбуар хӕст, армспорт, уӕгъдибар хъӕбысхӕст ӕмӕ ӕндӕртӕ.

"Фӕстаг хатт ма ам цалцæггӕнӕн куыстытӕ ацыд цыппар азы размӕ, уыдон дӕр уыдысты уӕлӕнгай. Ныридӕгӕн цалцӕг цӕуы уӕззау атлетикӕйы зал ӕм ӕмрӕстӕджы кусынц йӕ ӕддаг бакаст фӕхуыздӕр кӕныныл. Бӕстыхайы разуынд сараздзысты алюминийӕй конд композитӕй. Скъола ӕддаг бакаст райсдзӕн урсбын-цъӕх ахорӕнтӕ. Аразджытӕ ныфс дӕттынц куыстытӕ фӕуын банымады юбилеймӕ", — загъта директор.

Куыстытӕ цӕуынц бюджетон фӕрӕзтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0