Фӕласта фӕндаг: Хуссар Иры улӕфджытӕ бахаудтой къӕппӕджы

© Sputnik / Диана ВалиеваРазмытая дорога у озера Коз
Размытая дорога у озера Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къӕппӕджы бахаугӕ адӕмӕн сӕ бон не ссис горӕтмӕ ныдздзӕуын сӕхи хӕдтулгӕтыл тӕрккъӕвдайӕ фӕласгӕ фӕндагыл

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik, Уалыты Диана. Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны Къозы цады улӕфджытӕн сӕ бон не ссис фӕстӕмӕ горӕтмӕ ацӕуын тӕрккъӕвдаты тыххӕй, кӕцытӕ фӕластой фӕндаг. Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, адӕм ныууагътой сӕ транспорт ӕмӕ къахӕй цыдысты Къуайсамӕ, фӕндагыл сӕ сӕвӕрдтой Мидхъуыддӕгты министрады бынӕттон хайады хӕдтулгӕтӕ.

Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг, кӕцы уыд зианбаййафджыты ӕхсӕн, радзырдта Sputnik, фӕндагыл кӕй баззад ӕртӕ-цыппар хӕдтулгӕйы.

"Мах ныууагътам уым нӕ хӕдтулгӕтӕ, цалынмӕ фӕндаг ма асыгъдӕг кӕной. Фӕстӕмӕ цыдыстӕм цъыфы – фӕндаг афтӕ тынг фӕласта, ӕмӕ нӕм касти ома дзы фӕндаг никуыдӕр уыд", — радзырдта уый.

© Sputnik / Диана ВалиеваКъозмӕ хӕстӕг фӕндаг фӕласта дон
Размытая дорога у озера Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къозмӕ хӕстӕг фӕндаг фӕласта дон

Фӕндагмӕ ацыдысты кусджытӕ техникӕимӕ, уыдон архайынц, цӕмӕй йӕ сцалцӕг кӕной.

Ног хабӕртты лентӕ
0