ПД-йы хъуыды кӕнынц, ныртӕккӕ иууыл хуыздӕр рӕстӕг кӕй нӕу Ирыстон баиу кӕнынӕн

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæПредседатель комитета Государственный Думы РФ по обороне Владимир Шаманов
Председатель комитета Государственный Думы РФ по обороне Владимир Шаманов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон думӕйы депутат Владимир Шаманов банысан кодта, зӕгъгӕ, Ирыстон баиу кӕныны фарстмӕ ӕркӕсдзысты фидӕны

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны баиу кӕнынӕн абон иууыл хуыздӕр рӕстӕг нӕу, хъуыды кӕны Паддзахадон думӕйы хъахъхъӕнынады фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Владимир Шаманов.

"Политикон цӕстӕнгасмӕ гӕсгӕ, абон иууыл хуыздӕр рӕстӕг нӕу дыууӕ Ирыстон баиу кӕнынӕн, уый тыххӕй ӕмӕ уый абон иууыл ахсджиагдӕр ӕхсӕнадӕмон проблемӕ нӕу Уӕрӕсейӕн", — загъта сенатор абхазаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг журналисттимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Фӕлӕ уӕддӕр баныфсӕвӕрдта, зӕгъгӕ, сомбон ацы фарстмӕ ӕркӕсдзысты.

Шаманов банысан кодта, "абон ницы зындзинӕдтӕ кӕй нӕй, цӕмӕй иугонд наци скъуыддзаг кӕна экономикон ӕмӕ культурон хӕслӕвӕрдтӕ".

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты.

Ног хабӕртты лентӕ
0