ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы чемпионаты бердзенаг-римаг хъӕсбыхӕцынӕй августы архайдзысты 10 хъӕбысхӕцӕджы Цӕгат Ирыстонӕй, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы спорты министрад.
Уӕрӕсейы чемпионат греко-римаг хъӕбысхӕцынӕй ацӕудзӕн Одинцовойы 7-10 августы.
Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды сты Тыбылты Георгий ӕмӕ Гӕбӕраты Алан, кӕцытӕ архайынц 55 килограмм уӕзы категорийы, Черткоты Уырызмӕг (60кг), Хъӕбӕлоты Зауыр (67кг),
Афтӕ ма ерысты хайад райсдзысты Хуыгаты Алан, Гудиаты Илья, Джиоты Дмитрий — иууылдӕр 77 килограмм уӕзы категорийы ӕмӕ Къӕбысты Зауыр (82кг), Беджызаты Сослан (87кг) ӕмӕ Беккуызарты Руслан (98кг).