Зикъарайы хохыл æрсагътой Хуссар Ир æмæ Сирийы тырысатæ

© Sputnik / Багаты Мараты архивæй къамЗикъарамæ сцыд
Зикъарамæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Их æмæ асæстмæ æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны президенты фыццаг ныццыдмæ Сиримæ Зикъарайы хохыл фæйлауыдтой дыууæ бæстæйы тырысатæ

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны альпинистты иу къорд басастой Зикъарайы хох. Денджызы æмвæзадæй 3828 метр бæрзонддæр хохмæ къорд йе сцыд снывонд кодта бæстæйы президент Бибылты Анатолийы фыццаг официалон балцæн Сиримæ, фехъусын кодта Sputnik сцыды уæнгтæй иу Джиголаты Георгий.

Къорды уыд æртæ адæймаджы — Багаты Марат æмæ Джиголаты Георгий арæх фæхизынц Ирыстоны  хæхтæм, ацы хатт сæм бамбал ис сылгоймаг Хъуылымбегты Зарада дæр.

© Sputnik / Багаты Мараты архивæй къамЗикъарамæ сцыд
Зикъарамæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зикъарамæ сцыд

"Зикъарайы хохмæ афæндараст стæм базæйæ райсом 7 сахатыл. Фæндагыл нæ æрæййæфта их, уыд асæст, фæлæ боны дыууæ сахатыл Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы паддзахадон тырысатæ фæйлауыдтой Республикæйы бæрзонддæр хæхтæй иуыл — Зикъарайы хохы цъуппыл", — загъта Джиголаты Георгий.

Уый ма банысан кодта, радон хатт та къорд фæнд кæны балц саразын Бурхохмæ.

"Хуссар Иры хæдбардзинад Уæрæсейы Федерацийы 'рдыгæй банымайыныл 10 азы сæхххæстæн та нывонд уыдзæн нæ радон сцыд. Уый цытæн фæстæдæр схиздзыстæм Бурхохмæ, уый нымад у Хуссар Иры территорийыл, арæнгæрон хæхтæ æнæнымайгæйæ, иууыл бæрзонддæр бынат. Йæ бæрзæнд у 3662 метры денджызы æмвæзадæй", — бафтыдта уый.

Къордæн хохмæ сцыдæн финансон æххуыс бакодта парти "Иугонд Ирыстон".

Ног хабӕртты лентӕ
0