Хуссар Ир ӕмӕ ДАР-ы Уӕлдӕр тӕрхондӕттӕ бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

© Sputnik / Ирина Геращенко /  Ахизын медиабанкмæМитинг в честь годовщины провозглашения ДНР в Донецке
Митинг в честь годовщины провозглашения ДНР в Донецке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкаг адӕмон республикӕ нывӕндынц бафыссын тӕрхондӕтты ситемӕйы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, хъусын кӕны РИА Новости ДАР-ы Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕргълӕууӕг Эдуард Якубовскийы ныхӕстӕ.

"ДАР Уӕлдӕр тӕрхондон райста Хуссар Ирыстоны разӕвӕрд бадзырд саразыныл. Ныфс мӕ ис, августы кӕрӕтты бадзырд кӕй бафысдзыстӕм ӕмӕ нӕ Уӕлдӕртӕрхондоны куыст кӕй райсдзӕн ног импульс", — загъта уый.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ. Фарон майы Хуссар Ирыстон бафыста ДАР-имӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0