00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
4 Мин
Утро на Спутнике
Путин: власти Украины должны провести референдум для решения всех территориальных вопросов
09:09
9 Мин
Главные темы
09:30
4 Мин
12:00
3 Мин
12:30
3 Мин
12:40
20 Мин
Главные темы
17:00
4 Мин
Главные темы
17:30
4 Мин
On air
09:04
3 Мин
Утро на Спутнике
Козаев: Все десять школ Цхинвальского района Южной Осетии полностью подготовлены
09:08
5 Мин
Глава отдела образования Дзауского района о готовности школ
09:12
5 Мин
Утро на Спутнике
В четырёх школах Знаурского района к началу учебного года проведены строительные и ремонтные работы
09:18
4 Мин
Утро на Спутнике
Готовность школ Ленингорского района Южной Осетии к началу нового учебного года
09:22
1 Мин
On air
09:30
3 Мин
On air
09:33
23 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

"Allonfilm" æвдисы: Цхинвалы ацæудзæн дыууæ фильмы премьерон равдысттæ

© SputnikДокументалон кинонывты премьерæтæ
Документалон кинонывты премьерæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ документалон кинонывы централон бынæттæ ахсы дывæр агент Колыты Инал æмæ Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амираны хæбатырдзинад райгуырæн бæстæ бахъахъхъхъæныны сæраппонд

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны националон киностуди "Allonfilm" хоны сфæлдыстадон къорды дыууæ документалон куысты премьерон равдысттæм. Кинонывтæ "Фарастæй иумæ" æмæ "Пари со смертью" равдисдзысты 6 августы ПККЗ "Чермен"-ы, фехъусын кодта Sputnik киностудийы директор Мамиты Григорий.

Киностудийы фыццаг фильм "Пари со смертью"-йæн ацыд презентаци Sputnik Хуссар Ирыстоны фæзуатыл, уый фæстæ Севастополы æхсæнадæмон фестивалы бацыд хуыздæр кинонывты нымæцмæ. Дыккаг киноныв "Фарастæй иумæ" адæмы размæ рахæсдзысты фыццаг хатт.

"6 августмæ нысан æрцыдысты дыууæ кинонывы гом равдысттæ. Изæры авд сахатыл ПККЗ "Чермен"-ы ацæудзæн киностудийы фыццаг куыст "Пари со смертью"-ы равдыст, уый фæстæ та йæ адарддæр кæндзæн нæ документалон фильм "Фарастæй иумæ", — загъта Мамиты Григорий.

Инал Колиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕнг коллаборационист – Колыты Инал

Уый ма банысан кодта, равдысттæ арæзт цæуынц фæсивæдон организаци "Иугонд Алани"-йы æмархайдæй.

Фыццаг киноныв ист у Паддзахадон ӕдасдзинады раздӕры ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Иналы уæззау хъысмæтыл. Уый Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕты ӕмгуыстады ӕнхъарӕныл. Уый бахызта Цхинвалы цалдӕр терактӕй, фӕлӕ йын уӕддӕр фӕстагмӕ йӕхи фыдбылызӕй бахизын нал бантыст. Гуырдзыстоны террористон фӕндтӕ раргом кӕныны тыххӕй сӕ сæрмагонд службæтæ спырх кодтой Иналы хӕдтулгӕ 2008 азы марты. Ӕвзонг лæппу террористон акты фæстиуæгæн фесæфта йæ дыууæ къахы дæр, райста уæззау цæфтæ.

Джиоты Азæмæт æмæ Багаты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фарастæй иумæ": Цхинвалы равдисдзысты Багаты Амираны къордыл киноныв

Документалон фильм "Фарастæй иумæ" таурæгъ кæны Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мтохгæнæг ирон лæппуты хъайтардзинадыл, кæцытæ 2008 азы хæсты Уырысы æххуысы ʻрцыдмæ урæдтой хотыхджын æнæкæрон гуырдзиаг æфсады. Амиран æмæ йæ æмкусæг Джиоты Азæмæт ацы æнæмсæр тохы фæмард сты.

Киностуди "Allonfilm"-ы сконды Мамиты Григорийæ дарддæр архайынц Бестауты Юля, Хаситы Михаил, Цхуырбаты Сергей æмæ æндæртæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0