САР экономикӕйы министр: Сири баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн рахизын арабаг бӕстӕтӕм

© Пресс-служба президента РЮОВстреча Анатолия Бибилова с представителями бизнес-сообщества Сирийской Арабской Республики
Встреча Анатолия Бибилова с представителями бизнес-сообщества Сирийской Арабской Республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент ӕрдзырдта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы ӕхсӕн экономикон ӕмгуыстадыл Сириаг Арабаг Республикӕйы бизнесментимӕ

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий радзырдта сириаг амалиуӕггӕнджытимӕ ӕмгуыстады фадатыл, кӕцы банысан кодтой йӕ баныхасы рӕстӕджы Башар Асад ӕмӕ премьер-министр Имад Хамисимӕ. Фембӕлды хайад райстой сӕдӕ бизнесменӕй фылдӕр, афтӕ ма Сириаг Арабаг Республикӕйы (САР) экономикӕ ӕмӕ базарады министр Самир Халил ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты сӕргълӕуджытӕ, хъусын кӕны РХИ президенты пресс-службӕ.

"Мах ӕрдзырдтам ӕмгуыстадыл экономикӕйы, иумӕйаг амалиуӕгадты сарӕзтад, базарад ӕмӕ банкон фадыджы ӕмгуыстады перспективӕтыл. Хъуыды кӕнын ӕмӕ экономикон ахастыты райрӕзты сӕйраг фӕлгонц хъуамӕ уа бизнесментӕн, экономикӕйы министрад ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты ӕххуысӕй", — загъта Бибылты Анатолий.

Дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстады пайдадзинад бахахх кодта экономикӕйы министр Самир Халил дӕр.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолийы фембæлд Сирийы бизнесментимæ
Встреча Анатолия Бибилова с представителями бизнес-сообщества Сирийской Арабской Республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийы фембæлд Сирийы бизнесментимæ

"Хуссар Ирыстон гӕнӕн ис бакӕна Сирийӕн бӕстӕтӕм дуӕрттӕ, кӕцытимӕ йын ис хорз ахастытӕ, Сири та бакӕндзӕн Хуссар Ирыстонӕн арабаг бӕстӕтӕм. Уый нын байгом кӕндзӕн егъау перспективӕтӕ", — банысан кодта уый.

Хуссар Ирыстоны президент радзырдта бизнесментӕн, бӕстӕты ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл Бадзырд кӕй дӕтты фадат ӕнӕвизон режимӕн. Базарадон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Бадзырд та фӕкъаддӕр кӕндзӕн налогтӕ.

 

Фембӕлды фӕстиуӕгӕн фӕнд кӕнынц бакӕнын дыууӕ центр Дамаск ӕмӕ Цхинвалы. Хуссар Ирыстоны делегаци президенты сӕргълӕудӕй ис Сирийы официалон балцы. Делегацийы сконды сты президенты администрацийы разамонӕг Козаты Игорь, Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий, хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим, экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий, Уӕлвӕткон уавӕрты министр Тадтаты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0