Хуссар Ир улæфт бонтæй иуы баззайдзæн æнæ рухсæй

© Sputnik / Игорь Онучин /  Ахизын медиабанкмæВысоковольтные линии электропередач
Высоковольтные линии электропередач - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электроэнергийы ахицæн баст у Ручъы тоннелы цæггат фарсы уæвæг дæлстанцы куыстытимæ

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны электроифтонгад ахицæн кæндзысты сабаты 9.00 сахатæй 19.00-мæ электрохаххыл куыстыты аххосæй, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон амалиуæгад "Энергоресурс"-ы генералон директор Гæбæраты Алан.

"Ручъы тоннелы цæгат порталы цур, электрохаххы цæгатирыстойнаг фадыджы уæвæг дæлстанцы ивд цæуы ифтонгад, уый аххосæй электроэнерги хицæн æрцæудзæн Хуссар Иры", — загъта Гæбæраты Алан.

Хуссар Ирмæ электроэнерги цæуы Уæрæсейæ электрохахх "Зæрæмæг-Цæгат портал-Дзау"-ыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0