ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Козаты Диана. Къӕбысты Андрей, кӕцыйы фарон ӕрцахстой уӕззау фыдракӕндтӕ саразыны тыххӕй, алыгъд Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторӕй, фехъусын кодта Sputnik уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Игорь.
Къӕбысты Андрейы ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕг Цхуырбаты Александры адавыны фӕстӕ, кӕцыйы йӕхи хӕдтулгӕйыл аластой Присы хъӕуӕй. Уый размӕ Къӕбысты Андрейы дыууӕ азы дӕргъы агуырдтой адӕмы давыны тыххӕй.
"Къӕбысты Андрей сарӕзта бынкъахт йӕ камерӕйӕ. Алыгъд сӕххӕст хуыцаубон ӕхсӕвы 1:45 сахатыл", — загъта Наниты Игорь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ уагъд цӕуынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ, барадхъахъхъӕнджытӕ агурынц фыдгӕнӕджы.
Фӕстӕдӕр сбӕрӕг кодтой, Къӕбысты Андрей хайад кӕй райста бастдзинады комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасанмӕ бабырсты фарон майы, афтӕ ма ноджы иу бабырсты дӕр.