Автомобилон вандализм: Цхинвалы фехӕлдтой дыууӕ хӕдтулгӕйы

© Пресс-служба МВД РЮО Цхинвалы фехӕлдтой дыууӕ хӕдтулгӕйы
Цхинвалы фехӕлдтой дыууӕ хӕдтулгӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕдтулгӕты зианы суммӕ рацыд 50 мин сомы

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Цхинвалы фыдгӕнджытӕ бакалдтой ӕбӕрӕг донгъӕд дыууӕ хӕдтулгӕйыл ӕмӕ сын фехӕлдтой сӕ ахорӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Цхинвалы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ басыгътой пластикӕй рудзгуытӕ

Мидхъуыддӕгты хайадмӕ куырдиат бадӕтта Цхинвалы 43-аздзыд цӕрӕг. Уый радзырдта, зӕгъгӕ, 29 июлы 1.00-ӕй 05.00 сахатмӕ ӕбӕрӕг фыдгӕнджытӕ фехӕлдтой "Mazda СХ-5" ӕмӕ "Toyota Crown" хӕдтулгӕты ахорӕнтӕ.

"Фыдгӕнджытӕ бакалдтой ӕбӕрӕг донгъӕд хӕдтулгӕтыл ӕмӕ сын фехӕлдтой сӕ ахорӕнтӕ. Зианы суммӕ рацыд 50 мин сомы", — радзырдтой МХМ.

Цауы бынатмӕ ацыдысты оперативон-фӕдагуырды къордтӕ. Басгӕрст уадзы горӕты мидхъуыддӕгты хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0