Уӕрӕсейы авиаци ӕртахт Хуссар Ирмӕ иумӕйаг ахуыртӕм

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæВертолет Ми-24
Вертолет Ми-24 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы иумӕйаг ахуыртӕ, кӕцыты хайад райсдзысты дыууӕ мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр, ацӕудзысты августы Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддон авиацийы вертолетты эскадрили ратахт Кавказы хӕхты сӕрты, цӕмӕй хайад райса иумӕйаг тактикон ахуырты Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны РИА Новости Хуссар ӕфсӕддон зылды информаци.

Вертолет Ми-8 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тагъд æххуысы авиаци фæзындзæн Хуссар Ирыстоны

"Хуссар ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕджы къухдариуӕгадӕй Хуссар Ирыстоны сӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ разӕсгарӕн, ракетон, инженерон хайадтӕ, афтӕ ма радиоэлектронон тох, радиацион, химикон, биологон хъахъхъӕнынады хайадтӕ ӕмӕ ӕнӕпилотон тӕхгӕ аппараттӕ дӕр", — фехъусын кодтой пресс-службӕйы.

Иумӕйаг ахуырты хайад райсдзысты дыууӕ мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр, афтӕ ма ӕфсӕддон техникӕйы 400 иуӕджы дӕр.

Цхинвалы дыууӕ бӕстӕйы хайадты архайды координацийы фӕдыл бакӕндзысты иугонд командон пункт, кӕцыйы сконды уыдзысты Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕдты офицертӕ. Хуссар ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсады хайадты ротӕйы тактикон ахуырты этап ацӕудзӕн полигон "Дзарцъем"-ы 1-15 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0