Цхинвалы донифтонгадӕн Хуссар Иры сараздзысты ног хӕтӕл

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий федта ног доны хӕтӕл Уанат-Цхинвалы арӕзтады бынат
Бибылты Анатолий федта ног доны хӕтӕл Уанат-Цхинвалы арӕзтады бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Доны хӕтӕлы арӕзтад нывӕндынц райдайын 2019 азы, ног объектӕн проект та сарзадзысты ацы азы кӕрӕттӕм

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий федта ног доны хӕтӕл Уанат-Цхинвалы арӕзтады бынат, кӕцы хаст ӕрцыд 2018-2019 ӕзты инвестицион программӕмӕ.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Бибылты Анатолий бынаты ауагъта чысыл ӕмбырд ӕмӕ сарӕзтой нывӕзт, цӕмӕй ссыгъдӕг кӕной зӕронд донгӕрон, цы ранмӕ ӕрбакӕндзысты тыхон уагдӕтты кусджыты дӕр.

Призиденты ныхӕстӕм гӕсгӕ, объекты арӕзтад нывӕндынц райдайын 2019 азы, фӕлӕ ног объектӕн проект сарзадзысты ацы азы кӕрӕттӕм.

"Хъӕуы ссарын советон дуджы агъуысттӕ, кӕцытӕ хъӕуы ссыгъдӕг кӕнын. Ноджы ма хъӕуы бахус кӕнын цъыфдзаст бынӕттӕ, цӕмӕй проект аразджытӕ феной, цы ран хъӕуы доны хӕтӕл сцалцӕг кӕнын ӕмӕ саразой йӕ ног хӕйттӕ", — банысан кодта президент.

Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы сӕйраг инженер Сиукаты Иван радзырдта, зӕгъгӕ, доны хӕтӕлы проект аразы компани "Водоканал-проект" — организаци Красноярскӕй куысты егъау фӕлтӕрддзинадимӕ.

Ӕввахс бонты территори ссыгъдӕг кӕныны куыстыты хайад райсдзысты 50 адӕймаджы.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий федта ног доны хӕтӕл Уанат-Цхинвалы арӕзтады бынат
Анатолий Бибилов осмотрел место водозабора водовода Ванат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий федта ног доны хӕтӕл Уанат-Цхинвалы арӕзтады бынат

Балцы паддзахады сӕргълӕууӕгимӕ уыдысты хицауады сӕрдар ӕмӕ цалдӕр уагдоны сӕргълӕуджытӕ, афтӕ ма Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кусджытӕ дӕр.

Республикӕйы столицӕмӕ ныридӕгӕн дон цӕуы магистралон доны хӕтӕл Едыс-Цхинвалӕй, кӕцы йедзаг кӕны ӕртӕ донгӕронӕй — Едыс, Дзомагъ ӕмӕ Брытъатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0