Зынгфӕдисонтӕ фервӕзын кодтой артӕй сабидон Цхинвалы

© Пресс-служба МЧС РЮОПожар в Цхинвале
Пожар в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты ӕмӕ кусджыты сэвакуаци кодтой агъуыстӕй зынгивӕрзты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 1 авг — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт, кӕцы фӕцӕй хӕссыд сабидоныл Гафезы уынгыл, радзырдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Пожар в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕмӕн фӕфылдӕр ис Хуссар Иры зынгирвӕзтты нымӕц

Зынгивӕрзт, кӕцыйы аххосг та уыд адӕймагон фактор, ӕрцыд ӕртыццӕджы бонӕй. Цауы бынатмӕ ацыдысты дыууӕ зынгфӕдисон хӕдтулгӕйы.

"Цхинвалы хуссайраг кӕроны цӕхӕрадоны зынгивӕрзты фӕстиуӕгӕн арт хӕстӕг бацыд сабидонмӕ. Дымгӕ "аппӕрста" арт агъуысты ӕмбонды сӕрты. Сывӕллӕтты ӕмӕ кусджыты сэвакуаци кодтой агъуыстӕй", — радзырдтой УУМ.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, арт хуыссын кӕнынӕн ӕххуыс кодтой бынӕттон цӕрджытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0