Хуссар Иры Цхинвалы районы аиуварс кодтой зынгирвӕзт

© Sputnik / Наталья АйриянЛесной пожар в Южной Осетии
Лесной пожар в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирвӕзынгӕнджытӕ ӕртӕ сахаты тох кодтой зынгирвӕзтимӕ, кӕцы аххӕссыд Ирыхъӕуы 50 гектар территорийыл

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Зынгфӕдисонтӕ басастой зынгирвӕзт, кӕцы аххӕссыд Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы 50 гектар территорийыл, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

"Цауы бынатмӕ ацыдысты дыууӕ зынгфӕдисон хӕдтулгӕйы, уыдон тох кодтой артимӕ цыппар сахатӕй фылдӕр. Ӕмӕ сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрд — районы агъуысттӕй никӕцы бахъыгдард зынгӕй, се хсӕн арӕзтады ӕрмӕджыты завод дӕр", — фехъусын кодтой уагдоны.

Амӕйразмӕ зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой зынгривӕзт Цхинвалы хуссайраг кӕроны, кӕцы фӕцӕй хӕццӕ кодта сабидонмӕ Гафезы уынгыл. Ноджы ма ӕрцыд цалдӕр чысыл зынгирвӕзты ӕртыццӕджы Цхинвалы районы хъӕуты.

Ирвӕзынгӕнджыты информацимӕ гӕсгӕ, ссыгъдты аххосаг фылдӕр хатт уыдысты адӕймагон фактор ӕмӕ боныгъӕды уавӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0