ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуыргӕнинӕгтӕ базонгӕ уыдзысты Санкт-Петербурджы фендтаг бынӕттимӕ Россотрудничествойы проект "Здравствуй, Россия!"-йы фӕлгӕтты. Иумӕйагӕй Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕмӕ ацӕудзысты 18 скъоладзауы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы минӕварады пресс-службӕ.
"19 августӕй иу къуыримӕ ахуырӕнинӕгтӕн сорганизаци кӕндзысты ахуырадон программӕ ӕмӕ сын фенын кӕндзысты Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы фендтаг бынӕттӕ", — фехъусын кодтой минӕварады.
Уӕрӕсейы Федерацийы историкон бынӕттӕм цӕуыны ахуырадон программӕ "Здравствуй, Россия!" ӕххӕст кӕны Россотрудничество 2014 азӕй фӕстӕмӕ.
Амӕйразмӕ ахуырадон проекттӕ "Новое поколение" и "Здравствуй, Россия!"-йы тыххӕй радзырдта Россотрудничествойы минӕварады сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Скворцов.