ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Цхинвалы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны административон районты уагъд цӕуы диспансеризаци цӕрджытӕн Федералон медико-биологон агентады тыхтӕй, хъусын кӕны республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-сслужбӕ.
Диспансеризацийы ахсджиаг хӕс у уӕззау низты сӕйраг фактортӕ ссарын ӕмӕ сӕ скоррекци кӕнын.
Цӕрджытӕ цӕуынц лабораторон сгарӕн, флюорографи, маммографи, ЭКГ. Цӕрджыты ӕнӕниздзинад сгарынц нарӕг профилы специалисттӕ — терапевт, невролог, кардиолог, хирург, гинеколог, офтальмолог, оториноларинголог, уролог.
"Диспансеризацийы рӕстӕджы фенынц куыстуатты кусджыты къордты ӕмӕ цӕрджыты та территориалон принципмӕ гӕсгӕ. Сывӕллӕтӕ ацӕуынц хирург, невролог, кардиолог ӕмӕ педиатры басгӕрст", — банысан кодтой пресс-службӕйы.
Цӕрджыты медицинон басгӕрст цӕуы графикмӕ гӕсгӕ ӕмӕ адаргъ уыдзӕн 30 августмӕ.