Ӕххуыс, хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстад: "Хӕлардзинады маяктӕ" Хуссар Иры

Рафыссын
Фӕсивӕдон проекты хайадисджытӕ иу къуыри ӕфснайдзысты рагон кувӕндон ӕмӕ хӕлд мӕсыджы территори

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Культурон-историкон проект "Хӕлардзинады маяктӕ. Уӕрӕсе хӕстӕг кӕны"-йы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд студентты къорд "Кунаки Южная Осетия — Итиль", кӕцытӕ ӕрлӕууыдысты Зонкъары Республикон ӕвӕрд бынаты территорийыл. Иу къуыри фӕсивӕд сыгъдӕг кӕндзӕн кӕрдӕг ӕмӕ дуртӕй кувӕндон ӕмӕ калд мӕсыг. Командӕйы, кӕцы ӕрцыд республикӕмӕ, ис 15 адӕймаджы Чуваши, Тӕтӕрстан, Мӕскуы ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй.

Маяки дружбы. Башни Кавказа. - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Хӕлардзинады маяк" ногӕй ссудздзысты Хуссар Иры

Райсом 10 сахатӕй сихормӕ фӕсивӕд ӕфснайы кувӕндоны территори, куысты фӕстӕ та сын ауадзынц экскурситӕ ӕмӕ сын дзурынц Ирыстоны культурӕ ӕмӕ традициты тыххӕй. Къорды комиссар Вероника Киршбаум радзырдта, зӕгъгӕ, хӕлардзинад у проекты сӕйраг нысан.

"Проект, сӕйраджыдӕр, здӕхт у, цӕмӕй мах зонгӕ кӕнӕм ӕмӕ ӕмхиц уӕм. Стыр фадат нын ис, цӕмӕй базонӕм ног адӕмы, базонгӕ уӕм сӕ культурӕ ӕмӕ традицитимӕ. Афтӕмӕй мах халӕм стереотиптӕ, кӕцытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Кавказ у тӕссаг бынат", — радзырдта уый

© Sputnik / Наталья Айриян"Хӕлардзинады маяктӕ" Хуссар Иры
Маяки дружбы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Хӕлардзинады маяктӕ" Хуссар Иры

Хайадисджытӕ иууылдӕр нысан кӕнынц уазӕгуарзондзинад ӕмӕ фысымты хорз ахаст.

Фӕсивӕд дыууӕ бонмӕ ссыгъдӕг кодтой кувӕндоны территорийы фылдӕр хай ӕмӕ тагъд райдайдзысты мӕсыг ӕфснайын. Къорды командир Сергей Воеводин радзырдта йӕ куысты нысан ӕмӕ фӕстиуджыты тыххӕй.

"Мах ракалдтам бӕлӕстӕ, кӕцытӕ уыдысты кувӕндоны цур ӕмӕ аиуварс кодтам къулты цур дуртӕ, цӕмӕй нын уа фадат кӕрдӕг кӕрдын", — радзырдта Володин.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны фӕстӕ уыдон ацӕудзысты Волгагӕронмӕ, цы ран сыгъдӕг кӕндзысты Волга экологон экспедицийы фӕлгӕтты. Иумӕйагӕй проекты хайад исынц 110 адӕймаджы ӕмӕ аст къорды.

Фестиваль фӕуыдзӕн Казаны 18 августы, цы ран ацӕудзӕн егъау форум "Хӕлардзинады маяк. Уӕрӕсе хӕстӕг кӕны".

Ног хабӕртты лентӕ
0