Хуссар Иры иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткты 200 фехӕлды

© Пресс-служба МВД РЮОСотрудники ГАИ в Цхинвале
Сотрудники ГАИ в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иууыл арӕхдӕр фехӕлдтӕ уыдысты нозтджынӕй ӕмӕ тагъд скъӕрыны аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткты 200 фехӕлды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.

"Ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткты 200 фехӕлды. Барадсӕттӕнты ӕхсӕн сты – автотранспорт нозтджынӕй ӕмӕ тагъд скъӕрын, фӕндагон нысӕнтты фӕткты фехӕлд, автотранспорт ӕнӕ документтӕй скъӕрын", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ уадзынц рейдтӕ фехӕлдтӕ сбӕрӕг кӕныны тыххӕй республикӕйы столицӕйы, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны Цхинвалы ӕмӕ Дзауы районты фӕндӕгтыл. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ хӕссынц службӕ милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды кусджытимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0