ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ралӕууыд раныхасимӕ Гуырдзыстоны агрессийы дӕсӕм афӕдзы боны тыххӕй, хъусын кӕны РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
"Цӕгат Ирыстоны иу цӕрӕг дӕр нӕй, кӕцы нӕ фӕхъынцъым кодта дӕс азы размӕ цаутыл", — радзырдта республикӕйы сӕргълӕууӕг.
Афтӕ ма Битарты Вячеслав загъта бузныг Уӕрӕсейӕн, кӕцы бахъахъхъӕдта Хуссар Ирыстоны адӕмы.
"Мах алыхатт дӕр уыдзыстӕм бузныг Уӕрӕсейӕн, кӕцы бахъахъхъӕдта Хуссар Ирыстоны адӕмы, ӕрлӕууын кодта ӕнӕзонд политикты ӕвирхъау митӕ, кӕцыты фӕндыд байсын нӕ ӕфсымӕртӕн иууыл сӕйрагдӕр – сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинад", — бахахх кодта уый.
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Цӕгат Ирыстоны кӕй нӕ ферох кӕндзысты уыцы зын рӕстӕг ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, ирон адӕмӕн ис иу хъысмӕт ӕмӕ иу фидӕн.