Мӕнгдзинады ныхмӕ протест: Грэм Филипсы ӕрцахстой Гуырдзыстоны минӕварады цур

© Sputnik / Наталья АйриянГрэм Филлипс
Грэм Филлипс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Грэм Филипс хъӕр кодта Гуырдзыстон ӕмӕ НАТО-йы ныхмӕ лозунгтӕ равдысты рӕстӕджы, кӕцы уыд нывонд 2008 азы августы цаутыл дӕс азы сӕххӕстӕн

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Бритайнаг хӕдбар журналист ӕмӕ видеоблогер Грэм Филипсы ӕрцахстой барадхъахъхъӕнджытӕ Лондоны гуырдзиаг минӕварады цур Гуырдзыстоны ныхмӕ лозунгты тыххӕй, хъусын кӕны РИА Новости.

Кадр из документального фильма британского журналиста Грэма Филлипса о Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бритайнаг журналист Грэм Филлипс систа ног фильм Хуссар Ирыстоныл

Ӕрцахст сӕххӕст кодтой равдысты рӕстӕджы, кӕцы сарӕзта минӕварад Гуырдзыстоны агрессийыл Хуссар Ирыстоны ныхмӕ 10 азы сӕххӕст цытӕн. Филлипс иста равдыст, хъӕр кодта НАТО ӕмӕ Гуырдзыстоны ныхмӕ лозунгтӕ, афтӕ ма дзырдта, Британийы адӕмӕн мӕнг информаци кӕй дӕттынц.

Амӕйразмӕ журналист куыста RТ ӕнӕштатон корреспондентӕй Украинӕйы ӕмӕ систа репортажтӕ Донбассы. Афтӕ ма Филлипс систа дыууӕ документалон киноныв Хуссар Ирыстоны тыххӕй.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0