ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады агъуысты зынгивӕрзты аххосаг развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ уыд цыбыр ныдзӕвд агъуысттӕй иуы, хъусын кӕны цыппӕрӕмы республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
Зынгивӕрзт ӕрцыд ӕртыццӕджы изӕры, цауы бынатмӕ ацыдысты фондз зынгфӕдисон хӕдтулгӕ, кӕцытӕ ахуыссын кодтой арт иу сахатмӕ. УУМ-ы бафтыдтой, зӕгъгӕ, арт аххӕссыд 150 квадратон метрыл, фӕлӕ йӕ уайтагъд аиуварс кодтой. Зианбаййафджытӕ дзы нӕй.
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады банысан кодтой, зӕгъгӕ, артӕй бахъыгдард сты РХИ миграцион политикӕйы Комитеты дыууӕ кабинеты. Хицауады комплексы ӕндӕр агъуысттӕ, се хсӕн президенты администраци ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕ артӕй нӕ бахъыгдард сты.
Барадхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр уадзынц басгӕрст.