Алыгъуызон бӕстӕтӕй ирӕттӕ ссардтой 2008 азы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Пресс-служба Миннаца РСО-ААкци "Дуне хъуыды кӕны"
Акци Дуне хъуыды кӕны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци "Дуне хъуыды кӕны" ауагътой этнолагерь "Аланты фӕд"-ы хайадисджытӕ фондз бӕстӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы "Портал"-ы территорийыл ӕртыццӕджы изӕры ауагътой мысӕн акци "Дуне хъуыды кӕны", кӕцы уыд нывонд Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕсты дӕсӕм афӕдзы бонӕн, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны националон ахастыты фӕдыл министрад.

Акцийы хайад райстой ирӕттӕ Казахстан, Таджикистан, Германи, Франци ӕмӕ Туркӕй, кӕцытӕ сты Цӕгат Ирыстоны проект "Этнолагерь 2008. Аланты фӕд"-ы фӕлгӕтты. Чысыл видеойы равдысты фӕстӕ, акцийы хайадисджытӕ ссыгътой цырӕгътӕ.

"Мах ауагътам ацы акци, цӕмӕй фенын кӕнӕм, мах кӕй стӕм хӕст ӕмӕ терроры ныхмӕ, цӕмӕй ахӕм цаутӕ мауал ӕрцӕуой", — загъта проекты хайадисӕг Кахрамон Камолов.

Мысӕн акци ссис этнолагеры дыккаг сменӕйы фӕстаг мадзал республикӕйы.

Амӕйразмӕ этнолагеры дыккаг сменӕ уыд Хуссар Ирыстоны. Йӕ хайадисджытӕ ацыдысты сӕ цӕрӕн бынӕттӕм ӕмӕ ахастой семӕ хорз мысинӕгтӕ Ирыстоны тыххӕй.

Проект "Этнолагерь 2008.Аланты фӕд", кӕцы ӕрбаиу кодта этникон ирӕтты дунейы алыгъуызон бӕстӕтӕй, арӕзт цӕуы Цӕгат Ирыстоны националон ахастыты фӕдыл министрад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады ӕххуысӕй ӕмӕ ӕнтыстджынӕй кусы ныридӕгӕн ӕртӕ азы. Ацы аз проекты фӕлгӕтты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ ӕрцыдысты 25 адӕймаджы фондз бӕстӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0