ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Цхинвалы Мидхъуыддӕгты хайадмӕ цыппӕрӕмы ӕрбацыд хъусинаг ӕбӕрӕг нӕлгоймаджы мӕрдон буар кӕй ссардтой, уый тыххӕй. Цауы бынатмӕ ацыдысты Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) оперативон-фӕдагуырды къорд ӕмӕ Генералон прокуратурӕйы фӕдагурӕг.
"Цауы бынатмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд сбӕрӕг кодтой нӕлгоймаг кӕй уыд Республикӕ Таджикистаны 42-аздзыд ӕмбӕстаг, кӕцы рӕстӕгмӕ цард Цхинвалы Козонты Сардионы уынгыл", — дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.
Цауы бынат федта Генералон прокуратурӕйы радгӕс фӕдагурӕг. Басгӕрст уадзы Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад.