ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы донифтонгад сцалцӕг кодтой, куыстытӕ ма цӕуынц Цхинвалы дыууӕ цӕггатаг микрорайоны, загътой Sputnik мэрийы пресс-службӕйы.
Дон нал цыд горӕтмӕ цыппӕрӕмы. Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы кусджытӕ ӕрӕхгӕдтой магистралон доны хӕтӕл ӕгӕр кӕй счъиззи ис тӕрккъӕвдатӕй, уый тыххӕй.
"Водоканал"-ы кусджытӕ уайтагъд ацыдысты цауы бынатмӕ, цы ран ис доны хӕтӕл "Едыс-Цхинвал"-ы сӕйраг агъуыст. Уыдон хъуамӕ ум уыдаиккой, цалынмӕ дон ссыгъдӕг уа, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ специалисттӕ ссыгъдӕг кодтой ӕнӕхъӕн системӕ ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв ауагътой дон горӕтмӕ", — радзырдтой мэрийы.
Мэрийы банысан кодтой, зӕгъгӕ, майрӕмбон ахицӕн кодтой БАМ ӕмӕ "Ногмæскуыйаг" микрорайонты донифтонгад цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй. Ацы микрорайонты донифтонгад сцалцӕг кӕндзысты сабаты райсоммӕ.