Уӕрӕсейӕгты фылдӕр растыл нымайынц Хуссар Иры банымад, фенын кодта ӕрфарст

© Sputnik / Ада БагианДень Флага в Южной Осетии
День Флага в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейӕгты ӕртыккаг хайӕ фылдӕр (36%) та даддӕр дӕр сӕ хъус дарынц Хуссар Ирыстоны цаутӕм

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Ӕхсӕнадон хъуыдыйы раиртасын кӕныны фӕдыл Ӕппӕтуӕрӕсейаг центры ӕрфарст фенын кодта, уӕрӕсейӕгты 80 процент растыл кӕй нымайынц Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад, хъусын кӕны РИА Новости уагдоны ӕрмӕджытӕ. 

Фӕлӕ алкӕцы дӕсӕм адӕймаджы зӕрдӕмӕ ацы къахдзӕф нӕ цӕуы.

Экспертон ӕрфарст Цхинвалы рабӕрӕг кодта 2016 азы хуыздæр журналистты нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Экспертон ӕрфарст Цхинвалы рабӕрӕг кодта 2016 азы хуыздæр журналистты

Афтӕ ма уӕрӕсейӕгты ӕртыккаг хаййӕ фылдӕр (36%) та даддӕр дӕр сӕ хъус дарынц Хуссар Ирыстоны цаутӕм. Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты фылдӕр хай (81%) абон дӕр хъуыды кӕнынц, Уӕрӕсе раст кӕй сарӕзта, Хуссар Ирыстоны фарс кӕй балӕууыд уӕд. 2009 азы ахӕм хъуыды уыд ӕмбӕстӕгты 86 процентмӕ, фӕлӕ кӕцыдӕр ӕзты сӕ процент уыд цъусдӕр (76% 2010 азы ӕмӕ 71% 2013 азы).

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0