Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕй ӕрдомтой, цӕмӕй ӕнӕстандартон архайд кӕной

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæТактические учения с подразделениями ЮВО
Тактические учения с подразделениями ЮВО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕстандартон архайдӕн аргъ кӕндзӕн Хуссар фӕдералон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ райдыдтой ахуырты активон фазӕ ӕххӕст кӕнын полигон "Дзарцъем"-ы. Ахуырты рӕстӕджы уыдон хъуамӕ равдисой Хуссар федералон зылды командӕгӕнӕг Александр Дворниковӕн сӕ бон кӕй у архайын ӕнӕстандартон ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын, хъусын кӕны Хуссар федералон зылды пресс-службӕ.

Совместные учения в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ уадзынц иумӕйаг ахуыртӕ

Тактикон ӕфсӕддон ахуырты сӕйраг домӕн уыдзӕн, цӕмӕй хайадты командӕгӕнджытӕ пайда кӕной ныры хӕсты фӕлтӕрдӕй, афтӕ ма ӕнӕстандартон архайд дӕр кӕной.

Зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг инӕлар-булкъон Александр Дворников йӕхӕдӕг аргъ кӕндзӕн хайадты командӕгӕнджытӕн, ӕмӕ уый тыххӕй ӕхсӕз сахат хайад исдзӕн дыууӕ фарсы ахуырты дӕр.

"Ахуырты хъуамӕ уой ӕнӕстандартон, хайадты командӕгӕнджытӕ хъуамӕ сӕхӕдӕг ӕвзарой амалтӕ, цӕмӕй скуынӕг кӕной дзырдгонд ныхмӕлӕууджы", — радӕтта пресс-службӕ Дворниковы ныхӕстӕ.

Афтӕ ма йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Цӕгат Кавказы ӕфсӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц ахуырадон-хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ полигонтыл, кӕцытӕ сты Кавказы хӕхты рагъы дыууӕ фарс дӕр. Иумӕйаг ахуырты хайад исынц 2 мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр ӕмӕ техникӕйы 400 иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0