ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕгмӕ ссардтой ӕмӕ байстой зайӕгойтӕ, кӕцыты ис наркотикон буарад, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Цхинвалы милицийы наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы ссардтой столицӕйы 39-аздзыд цӕрӕджы цӕхӕрадоны гӕны ӕртӕ къутӕр.
"МХМ экспертон-криминалистон хайад сбӕрӕг кодта, зайӕгойы кӕй уыд наркотикон буарад тетрогидроканнабинол", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Басгӕрст уадзы Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайад.