Хуссар Иры ацыд SputnikPro мастер-класс журналисттӕн

© Sputnik / Наталья АйриянМастер-класс: Олег Щедров
Мастер-класс: Олег Щедров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
МИА "Россия сегодня"-йы сӕйраг журналист радзырдта республикӕйы ДИФ минӕвӕрттӕн, куыд хъӕуы алкӕцы ног хабарӕй дӕр саразын цымыдисон истори

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik, Уалыты Диана. МИА "Россия сегодня"-йы ахуырадон программӕты сӕргълӕууӕг Олег Щедров ауагъта ирон журналисттӕн ахуырадон тренинг Sputnik Хуссар Ирыстоны пресс-центры. Фембӕлды уыдысты Дзыллон информацион фӕрӕзты (ДИФ) кусджытӕ, кӕцытӕ сты республикӕйы мыхуыр, телеуынынад, радио ӕмӕ информацион агентадты минӕвӕрттӕ. Мастер-класс цыд интерактивон формӕйы, кӕцыйы фӕрцы хъусджытӕ активон хайад истой ныхасы, дӕттой фарстытӕ ӕмӕ дзырдтой сӕ хъуыдыдтӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ацыд SputnikPro мастер-класс журналисттӕн
Мастер-класс: Олег Щедров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ацыд SputnikPro мастер-класс журналисттӕн

Щедров радзырдта, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй журналист агура алкӕцы ног хабары дӕр ахӕм цыдӕртӕ, кӕцытӕ ӕмбӕхст сты кӕсджытӕй, цӕмӕй сын сӕ хъусдард йӕхимӕ ӕрбаздӕха.

Журналисттӕ лӕмбынӕгӕй хъуыстой, дзырдтой цӕвиттонтӕ сӕ практикӕйӕ. Щедровы худӕг ӕмӕ зондӕн ахъаз историты фӕрцы аудитори ӕнцонӕй райста лекцийы информаци.

SputnikPro: Хуссар Иры бакодтой ног ахуырадон проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
SputnikPro: Хуссар Иры бакодтой ног ахуырадон проект

Чысыл улӕфты фӕстӕ лектор радзырдта, куыд хъӕуы пресс-конференцитӕм цӕттӕ кӕнын, цӕмӕй дзы уа цымыдисон ӕрмӕг. Хицӕн хъусдард уый ӕрдардта фарстытӕм, кӕцытӕ хъӕуы развӕлгъау саразын ӕмӕ ныффыссын.

Фембӕлды кӕронбӕттӕны журналисттӕ банысан кодтой, зӕгъгӕ, лекци уыд тынг цымыдисон ӕмӕ зондӕн ахъаз.

"Ахӕм мастер-класстӕ нын бирӕ пайда хӕссынц. Мах базыдтам журналистты цӕттӕкӕнынады ӕнӕстандартон методтӕ. Алцыдӕр нын радзырдта ӕнцонӕмбарӕн ӕвзагыл. Ахӕм тренингты фӕрцы фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн нӕ ДИФ-ты ӕмвӕзад", — радзырдта уацхӕссӕг Биазрты Мадинӕ.

Олег Щедров, кӕцы ныридӕгӕн ис Хуссар Ирыстоны дыккаг хатт, банысан кодта, зӕгъгӕ, фӕхуыздӕр ис хуссарирыстойнаг ДИФ-ты куыст, кӕцытӕ ссисты цымыдисондӕр.

"Ацы хатт бирӕ цыдыртӕ уыд цымыдисон фӕрсын. Ног хабӕрттӕ куы фарстон, уӕд ӕй ӕмбӕрстон, республикӕйы цы цаутӕ цӕуы, уыдон. Фӕлӕ дзы ис нырма ӕвзагы проблемӕ, уый тыххӕй ӕмӕ бирӕ фыст цӕуы "милицийы ӕмбырдуацы" ӕвзагӕй. Кӕд ацы проблемӕ аиуварс кӕнӕм, уӕд алцыдӕр уыдзӕн хорз", — бахахх кодта Олег Щедров.

Ног хабӕртты лентӕ
0