Хуссар Иры аргъæвтой ахуыры азы райдайæн

© Sputnik / Алексей Ковалев1 сентября 2016 Цхинвал школьники
1 сентября 2016 Цхинвал школьники - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады министр Гасситы Натали радзырдта, 2018 азы ахуыры азы райдайæн цæмæн ахастой фæстæдæрмæ

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Ахуыры процесс скъолаты ацы ахуыры аз аргъæвтой фыццæгæм сентябрæй фæндзæммæ, уыцы уынаффæ баст у Беслæны бæллæхимæ, радзырдта Sputnik ахуырады министр Гасситы Натали.

"Аргъæвыны фæдыл уынаффæ баст у зындгонд цаутимæ. 1 сентябры 2004 азы Беслæны цы рцыд, уый у иумæйаг зын, мах банымадтам, раст нæу ацы бон бæрæгбонтæ уадзын",- загъта Гасситы Натали.

1 сентябры 2004 азы террористтæ бацахстой Беслæны фыццæгæм скъола æмæ амынæты систой 1128 адæймаджы, уыдоны æртæ боны хъизæмарæй мардтой. Теракты фæстиуæгæн бабын ис 334 адæмаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0