ПӔК фехъусын кодта арæны сæхгæды тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Гуырдзыстонимæ уыдзæн æхгæд Хуссар Иры хæдбардзинады банымадыл 10 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Гуырдзыстонимæ уыдзæн æхгæд æртæ боны дæргъы – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны юбилей нысан кæныны рæстæджы, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

"Хæдбардзинады банымадыл 10 азы сæххæсты бæрæгбонон мадзæлттæ хынцгæйæ 24 августы 20:00 сахатæй фæнд кæнынц рæстæгмæ æруромын фæхуымæтæгдæргонд режимы уадзæн пункттыл", — банысан кодтой уагдоны.

Уым ма бафиппайдтой, уадзæн пункттæ æрвылбонон режимы скусдзысты 27 августы 6.00 сахатæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0