Харбыз æмæ неси: Знауыры цæрæг æркодта 30 тонн тыллæг

© Sputnik / Фатима ПлиеваЗнауыраг харбызтæ
Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фирма "Беко"-йы хистæр Гела иннæ азмæ фæнд кæны харбызы быдыртæ рауæрæх кæнын æмæ базары æмбис йæхи бакæнын

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цæрæг Бекъойты Гела æрзайын кодта 30 тонн харбыз æмæ неси. Фермер ацы куыст кæны æрмæстдæр дыккаг аз, фæлæ Цхинвалы бынæттон тыллæгæй дзаг хæдтулгæйы раз ныр дæр амбырд вæййынц æлхæнджыты радтæ æмæ йæ сахатмæ раафтид кæнынц.

Цалдæр азы размæ Бекъоты Гела йæхи райста Сыбырæй æмæ æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæм. Йæ хæлары амындмæ гæсгæ, уый сфæнд кодта ныссадзын харбыз, фæлварæн разынд æнтыстджын. Уый бауырнын кодта скептиктæн Хуссар Иры климаты дæр кæй ис æрзайын кæнын хæрзад, адджын æмæ пайдаджын харбызтæ.

"Сыбыры цардтæн, фæлæ уым кæдмæ хъуамæ уыдаин. Ӕрæздæхтæн Ирыстонмæ, нæ уый дæр мæ райгуырæн бæстæимæ бастдзинад никуы сæфтон – алы сæрд дæр æрвыстон мæ бинонтимæ ам. Мæ хæлар мын бацамыдта ацы куыст æмæ фарон райстон фыццаг тыллæг", — радзырдта Бекъойты Гела.

Нæлгоймаг йæ "хæрзад" бизнесæн стыр кæны йæ гуырахст дæр æмæ фæлвары хицæн харбыз æмæ несийы æндæр æмæ æндæр хуызтæ æрзайын кæнын.

© Sputnik / Фатима Плиева Знауыраг харбызтæ
Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыраг харбызтæ

"Фарон бафæлвæрдтон 5 хуыз харбыз æрзайын кæнын, уыдонæй ма ацы аз ныссагътон "Атаман", "Топчан" æмæ "Баккара", аннæтæ не ʻрхастой тыллæг. Афтæ неси дæр мæм ныр ис дыууæ хуызы – "Колхозница" æмæ "Императрица", харбыз у йæ тæккæ рæгъæдыл, неси нырма рæгъæд кæны. Сты гыццыл, фæлæ адджын", — загъта фермер.

Хуыцаубоны амалиуггæнæг йæ æмкъай Диляраимæ æрласынц сæ тыллæг стыр базармæ, кусæгбонты та æрбынат кæнынц чысыл базары раз. Сæ хæрбыз бынæттон тылллæг кæй у, уый базонгæйæ ацы гагадыргъ æлхæнынвæнд чи нæ кодта, уыдон дæр балхæнынц.

"Чи лхæнгæ кæны, чи та нын арфæтæ фæкæны. Куыст дæр дзы бирæ ис, фæлæ æнæ фыдæбонæй цы ис", — зæгъы Диляра.

© Sputnik / Фатима Плиева Знауыраг харбызтæ
Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыраг харбызтæ

Фермер ацы аз цас фæнд кодта æркæнын, уый бæрц йын нæ бантыст — ивгъуыд мæй ын их ныццагъта йæ цæхæрадон, фæлæ сæ куыддæрты сæндидзын кодтой. Цалынмæ уæймæ æрласта тыллæг, уæдмæ сахуыр кодтой продукцийы гъæд дæр.

"Тыллæг зайы æнæ кæнгæ хъацæнтæй, æгæрстæмæй донхæр дæр нæ кæнæм. Фæлхасгæнджыты барты комитет сахуыр кодта харбызы гъæд æмæ сæ феппæлдысты", — дзуры лæг.

Бекъойты Гела йæ фермерон хæдзарад сфидар кодта законмæ гæсгæ – æрбакодта фирмæ, схуыдта йæ "Беко". Лæг йæ куысты ницы цæлхдуртыл æмбæлы æмæ дарддæр дæр йæ бизнес хъавы рауæрæх кæнын.

"Районы разамынад мын тынг баххуыс кодта, бар мын радтой равзарын зæххы фадыг, кусгæ кæнон уый йеддæмæ мæ ничи хъыгдары. Гобозты хъæуы мæ зæххы фадыгæй сагъд у æрмæстдæр 1,5 гектары, фæстæдæр мæ фæнды 8 гектары онг ныссадзын", — балхынц кодта уый.

Бекъойты Гелайы ныхæстæм гæсгæ, кæд йæ фæндтæ сæххæст уой, уæд аннæ азы Хуссар Ирыстоны базары цы харбыз уа, уымæн йæ æмбис уыдзæн знауыраг.

"Цы хъуыддаг ис ам æрласгæ харбызы, кæд æмæ нæхимæ тугыл скъуийы", — зæгъы Гела.

© Sputnik / Фатима Плиева Знауыраг харбызтæ
Знауыраг харбызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыраг харбызтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0