ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хъахъхъæнынады министрады управлени æмæ генералон штаб ракодтой хицауады хæдзарæй хъахъхъæнынадон уагдоны æфсæддон городокмæ, хъусын кæны министрады пресс-службæ.
© Пресс-служба МинобороныХъахъхъæнынады министрад уыдзæн раздæры "Авиацион заводы" территорийыл Цхинвалы
Хъахъхъæнынады министрад уыдзæн раздæры "Авиацион заводы" территорийыл Цхинвалы
© Пресс-служба Минобороны
Нысан æрцыд, ныридæгæн активонæй куыст кæй цæуы административон бæстыхайы æмæ йæ алфæмбылай территорийы хæрзарæстадыл.
"Ӕфсæддон городок №1-ы территорийыл цы дæлхайæдтæ уыд, уыдон акодтой Хъахъхъæнынады министрады æндæр бынæттæм", — дзырдæуы хъусинаджы.
Бæстыхай цытджын уавæры фæнд кæнынц æрбакæнын 26 августы, уæд Хуссар Иры нысан кæндзысты республикæйы хæдбардзинады банымадыл 10 аз сæххæсты бон.