Президент саргъ кодта хицауад æмæ парламенты куыстæн

© Пресс-служба президента РЮОСессия парламента Южной Осетии
Сессия парламента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттæ раздæхтысты сæрдыгон улæфтæй, фыццаг рабадт æрбакодта президент

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik, Гæбæраты Ян. Закондæттæг æмæ æххæстгæнæг органты æнæ æнгом куыстæй æхсæнадæн размæ цæуæн нæй, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий парламенты фарастæм сессийы фыццаг рабадты.

Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент ацыд каникултӕм иу мӕй раздӕр

"Ӕз мæхæдæг, куыд президент, райгонд дæн закондæттæг æмæ æххæстгæнæг органты куыст æмæ æмархайдæй. Ис чысыл цæлхдуртæ, фæлæ уыдон хицауады куысты ахадгæ проблематыл нæ дзурынц", — загъта президент.

Бибылты Анатолий бафиппайдта, республикæйы разамынады органты куыст комкоммæ зыны паддзахады хæрздзæринадыл: афтæ, паддзахадон бюджетмæ цыбыр æмгъуыдмæ æрбафтыд уæлæмхасæй æрдæг миллиард сомы

"Нæ бон у зæгъын, паддзахадон бюджет 2017 азæй зынгæ фæфылдæр. Мах нæ зæрдыл дарæм, 2017 азы бюджет уыд æрмæстдæр 700 милуан сомы. Абон уый схызт 1 миллиард 248 милуан соммæ", — загъта Бибылты Анатолий

Кæронбæттæны, президент бафтыдта, парламенты æртыккаг æрсидт разынд иууыл куыстхъомдæр закондæттæг орган куысты рæстæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0