"Бӕрзӕнд Алани": президент ӕмӕ альпинистты къорд радтой ном хохӕн йӕ бӕрзӕндыл

© Пресс-служба президента РЮОВодружение флага Южной Осетии на горной вершине
Водружение флага Южной Осетии на горной вершине - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент ӕмӕ альпинисттӕ сӕвӕрдтой бӕрзӕндыл капсулӕ ирон тырыса ӕмӕ фыстӕгимӕ, кӕцыйы фыст ис, ӕнӕном хох кӕй хуындзӕн "Бӕрзӕнд Алани"

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ альпинистты къорд сӕххӕст кодтой хӕрдмӕцыд Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны ӕхсӕн бӕрзӕндмӕ ӕмӕ йӕ схуыдтой "Бӕрзӕнд Алани", хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Къорды сконды уыдысты фондз альпинист Хуссар Ирыстонӕй, ӕртӕ – Цӕгат Ирыстонӕй, РХИ генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг, Паддзахадон хъахъхъӕнынады кусджытӕ ӕмӕ фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы минӕвӕрттӕ.

"Бӕрзӕнд Алани"-ыл президент ӕмӕ альпинистты къорд
Восхождение на Пик Алания  - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бӕрзӕнд Алани"-ыл президент ӕмӕ альпинистты къорд

Хӕрдмӕцыды хайадисӕг, спорты хӕххон хуызты Федерацийы президент Тедеты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Бӕрзӕнд Алани" у Сӕйраг Кавказы хӕхты рагъы бӕрзӕндтӕй иу. Хохы бӕрзӕнд у 3,5 мин метрӕй фылдӕр, уый ис Къуыдары ӕфцӕджы сӕрмӕ, Халаца ӕмӕ Сау хохы ӕхсӕн. Йӕ бӕрзӕндыл цӕуы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы арӕн.

Альпинисттӕ сӕвӕрдтой йӕ бӕрзӕндыл капсулӕ ирон тырыса ӕмӕ фыстӕгимӕ, кӕцыйы фыст ис, ӕнӕном хох кӕй хуындзӕн "Бӕрзӕнд Алани".

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта хайадисджытӕн ӕнтыстджын хӕрдмӕцыды тыххӕй.

"Мах бахӕццӕ стӕм хохы бӕрзӕндмӕ, кӕцы абонӕй фӕстӕмӕ хуындзӕн"Алани". Ныронг хохӕн нӕ уыд ном, уый уыд ӕнӕном бӕрзӕнд. Хӕхтӕ чи уарзы, уыдонӕн алкӕмӕн дӕр йӕ хӕс у, цӕмӕй схиза ардӕм ӕмӕ ракӕса ардыгӕй дыууӕрдӕм дӕр – Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ", — загъта Бибылты Анатолий.

Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, хӕрдмӕцыдӕн къорды бахъуыд цыппар сахат.

"Мах бахӕццӕ стӕм, цалынмӕ не ʻрбадт мигъ, ӕндӕра нын уыдаид зындӕр. Хуссар Ирыстоны альпинизм ӕмӕ туризмӕй архайы тынг бирӕ ӕвзонг адӕм, стыр бузныг мӕ фӕнды зӕгъын клуб "Аполлон"-ӕн, кӕцы бирӕ ӕзты аразы ахӕм мадзӕлттӕ", — фехъусын кодта Бибылты Анатолий.

© Пресс-служба президента РЮО"Бӕрзӕнд Алани"-мӕ фӕндагыл
Бӕрзӕнд Алани-мӕ фӕндагыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
"Бӕрзӕнд Алани"-мӕ фӕндагыл
© Пресс-служба президента РЮО"Бӕрзӕнд Алани"-ыл президент ӕмӕ альпинистты къорд
Бӕрзӕнд Алани-ыл президент ӕмӕ альпинистты къорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
"Бӕрзӕнд Алани"-ыл президент ӕмӕ альпинистты къорд
© Пресс-служба президента РЮОПрезидент
Президент - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Президент
1/3
"Бӕрзӕнд Алани"-мӕ фӕндагыл
2/3
"Бӕрзӕнд Алани"-ыл президент ӕмӕ альпинистты къорд
3/3
Президент

Хӕрдмӕцыды фӕдыл хъӕппӕрис рахаста фонд "Арт-Кавказ"-ы сӕргълӕууӕг Николай Хлынцов. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм хъуыды сӕм фӕзынд фараст азы размӕ, Къуыдары ӕфцӕджы уылты куы арызтой газы хӕтӕл "Дзуарыхъӕу— Цхинвал", уӕд.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, нырма хъӕуы юридикон куыст бакӕнын, цӕмӕй бӕрзӕнд официалонӕй райса йӕ ном.

"Мах ӕрӕмбырд кӕндзыстӕм документтӕ, бадзурдзыстӕм Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны органтӕм, ацӕудзыстӕм стандартон процедурӕ, цӕмӕй сфидар кӕнӕм бӕрзӕнды ном. Мах нывӕндӕм уый саразын иу мӕймӕ".

Афтӕ ма Хлынцов бахахх кодта, зӕгъгӕ, хъӕуы алы аз дӕр ӕххӕст кӕнын хӕрдмӕцыд "Бӕрзӕнд Алани"-мӕ, кӕцыйы хайад исдзысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0