Скъоламӕ хорз фӕндагыл: Хуссар Иры цӕттӕ кӕнынц ног ахуыры азмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДень знаний
День знаний - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕттӕ кӕнынц тротуартӕ, цӕмӕй сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр уа скъоламӕ цӕуын

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндагон службӕты кусджытӕ цӕттӕ кӕнынц фӕндӕгтӕ, кӕцытӕ цӕуынц скъолатӕм ӕмӕ сабидӕттӕм, фехъусын кодта фӕндагон арӕзтад ӕмӕ фӕндӕгты эксплуатацийы комитеты сӕргълӕууӕг Гуыззыттаты Эдуард хицауады сӕрдар Пухаты Эрикы ӕмбырды рӕстӕджы.

Пухаты Эрик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Пухаты Эрик: хъӕуы фӕтагъд кӕнын Хуссар Иры арӕзтады темптӕ

Ӕмбырды рӕстӕджы ӕрдзырдтой 2018 азы Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстытыл, сӕйраг хъусдард уыдзӕн фӕндӕгтӕм, кӕцытӕ цӕуынц ахуыргӕнӕндӕттӕм.

"Цӕттӕ кӕнынц тротуартӕ, цӕмӕй сывӕллӕттӕн ӕнцондӕр уа скъоламӕ цӕуын. Фыццӕгӕм сентябрмӕ тротуартӕ уыдзысты асфальтӕй ӕмбӕрст. Фыццаджыдӕр уый хауы Димитровы уынгмӕ, цы ран ис сабидон ӕмӕ скъола", — баныфсӕвӕрдта Гуыззыттаты Эдуард.

Афтӕ ма ӕмбырды хайадисджытӕ ӕрдзырдтой фӕндагон куыстыты хыгъдон документацийы аразыны фарстытыл.

Ахуырадон аз Хуссар Ирыстоны скъолаты райдауы 5 сентябры. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста указ, цӕмӕй ахӕссой ахуырын азы райдайӕны датӕ Бесланы трагедийы тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0