Хуссар Иры фæсивæд "Машук"-ы бавдисдзысты æртæ проекты

© Sputnik / Пресс-служба комитета по молодежной политике Фæсивæдон форум "Машук"
Фæсивæдон форум Машук - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры студенттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæд фондзæй архайныц фæсивæдон форумы

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цӕгат Кавказы IX фӕсивӕдон ахуырадон форум "Машук-2018"-ы хуссарирыстойнаг фæсивæд бавдисдзысты æртæ проекты, фехъусын кодта Sputnik фæсивæдон политикæйы комитеты республикон программæты хистæр Гатыгкоты Валентина.

"Хуссар Иры студенттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæд фондзæй архайынц фæсивæдон форумы. Нæ минæвæрттæ хайад исынц сменæ "Гражданское общество"-йы. Уыдон фæнд кæнынц фæсивæдон форумы куысты рæстæджы бавдисын æртæ проекты", — загъта Гатыгкоты Валентина.

Уый ма банысан кодта, фæсивæд фæстæмæ æрæздæхдзысты 24 августы.

Цӕгат Кавказы IX фӕсивӕдон ахуырадон форум "Машук-2018" райдыдта Пятигорскы, 11 августы. Форумы фӕзуатыл фӕсивӕдӕн лекцитӕ фӕрсынц зындгонд политиктӕ, артисттӕ, бизнесментӕ ӕмӕ депутаттӕ. Ацы аз форум уыд нывонд волонтеры азы цытӕн. Фӕзуат райста Уӕрӕсейы Федерацийы 31 субъекты минӕвӕртты.

Ног хабӕртты лентӕ
0