Зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт бирӕфатерон хӕдзары Цхинвалы

© Пресс-служба МЧС РЮО Последствия пожара в Цхинвале
Последствия пожара в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгирвӕрзт ӕрцыд майрӕмбоны изӕры, зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой арт сахат ӕмӕ ӕрдӕгмӕ

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Цхинвалы бирӕфатерон хӕдзары зынгирвӕзт аиуварс кодтой майрӕмбоны ӕхсӕвы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Пожар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ахуыссын кодтой зынгирвæзт

Зынгирвӕзт фӕзынд дыууӕуӕладзыгон хӕдзары Коцойты Арсены уынгыл. Зынгирвӕзты тыххӕй хъусинаг ӕрбацыд УУМ-мӕ 22.35 сахатыл. Цалдӕр минуты фӕстӕ цауы бынатмӕ ӕрбацыдысты зынгфӕдисон хӕдтулгӕтӕ.

"Зынгирвӕзты фӕзуат уыд 120 квадратон метр. Артимӕ тохы хайад истой цыппар зынгфӕдисон хӕдтулгӕйы. Коцойты Арсены уынгыл цӕуынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕ ӕмӕ уый бахъыгдардта хӕдтулгӕты. Ӕнӕхъӕнӕй арт ахуыссын кодтой сахат ӕмӕ ӕрдӕгмӕ. Басыгъд хӕдзары дыккаг уӕладзыг", — банысан кодтой УУМ-ы.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, зынгирвӕзты фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Зынгирвӕзты аххосӕгтӕ бӕрӕг кӕнынц.

Ног хабӕртты лентӕ
0