Бибылты Анатолий ирон адӕмы уанелы тыххӕй: дуне хъуамӕ базона, Хуссар Ир у сабыр бӕстӕ

© Sputnik / Наталья Айриян Юбилейный Всеосетинский съезд в Цхинвале
Юбилейный Всеосетинский съезд в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы президент радзырдта Ӕппӕтирон юбилейон уанелы нысӕнтты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанел байгом ис сабаты Хуссар Ирыстоны — ирон диаспорӕты минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ дунейы бирӕ бӕстӕтӕй: Уӕрӕсе, Бразили, Ног Зеланди, Йемен, Канадӕ ӕмӕ Ныгуылӕн Европӕйы бӕстӕтӕй.

РХИ президент Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, ахӕм мадзал баххуыс кӕндзӕн равдисын информаци республикӕйы царды тыххӕй фӕсарӕнты.

"Мӕн фӕнды зӕгъын ӕмӕ X уанел нӕ республикӕйы ауадзыны хъуыды фӕзынд мӕнмӕ. Уый цӕуы 25 августы, цӕмӕй ӕппӕт дунейы ирӕттӕ иумӕ цин кӕной ахӕм ахсджиаг бӕрӕгбоныл — Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕст", — загъта президент.

Государственный драматический театр, отреставрированный после пожара 2005 года. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон театр æрфысым кæндзæн "Стыр Ныхас"-ы X-æм уанел

Бибылты Анатолий бахахх кодта, уанелы нысӕнттӕй иу кӕй у равдисын ӕппӕт дунейӕн, Хуссар Ирыстон у сабыр бӕстӕ, цы ран райтынг сты ӕхсӕнад ӕмӕ паддзахад.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, горӕты стадионӕн, цы ран хуыцаубоны ацӕудзысты бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ банымады юбилейы цытӕн, ахӕм бӕрц нӕй, цӕмӕй дзы бацӕуой республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕ иууылдӕр, фӕлӕ бафтыдта, ацы хабар кӕй ма хъуамӕ фехӕла егъау бӕрӕгбон.

"Хъыгагӕн, стадионы цӕуы ӕрмӕст дӕр ӕхсӕз мин адӕймаджы. Ӕз рахастон уынаффӕ, цӕмӕй ма радтой 500 адӕймагӕн бынӕттӕ, фӕлӕ уӕддӕр алчидӕр нӕ бахаудзӕн концертмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр ай у нӕ иумӕйаг бӕрӕгбон, ӕмӕ йӕ мах нысан кӕндзыстӕм иумӕ", — загъта президент.

Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанел ацӕудзӕн 25 августы Цхинвалы. Фембӕлды сӕйраг фарстытӕ уыдзысты цӕгаттаг ӕмӕ хуссайраг ирӕтты иудзинад, мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ архитектурӕйы цырттӕ бавӕрын. Юбилейон уанелмӕ ӕрхуыдтой 27 ирон диаспорӕйы минӕвӕртты ӕппӕт дунейӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0