Гаглойты Роберт таможнæ, Тырсыгом æмæ æфсæнвæндаджы тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЮбилейный X съезд международного общественного движения "Высший совет осетин"
Юбилейный X съезд международного общественного движения Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Стыр Ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады хистæр цалдæр пунктæй рахицæн кодта Ирыстоны иууыл ахсджийагдæр фарстытæ

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны экономикæ сæндидзын кæнынæн хъæуы сисын Ирыстоны астæуыл таможнæ, фехъусын кодта Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанелы рæстæджы хуссарирыстойнаг хайады хистæр Гаглойты Роберт. Йæ сидтыл зал сæмбæлд стыр къухæмдзæгъдæй.

"Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны экономикæты сæндидзын кæнынæн æнæмæнгхъæуæг у Нары хъæуы уæвæг таможнæ сисын, кæцы цæмæдæр гæсгæ хонынц Зæрæмæджы таможнæ. Транскамы трассæйыл цалдæр посты æвæрд нымайæм нонсенсыл. Стæй ма зын бамбарæн у, хуссарирыстойнаг номыртимæ автомашинæтæн зындæр цæмæн у ахизын арæны сæртыл, уæрæсейаг номыртимæ чи ис, уыдонæй", — загъта Гаглойты Роберт.

"Стыр Ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады хистæр ма æрсидт, цæмæй алкæмæн дæр йæ бон куыд у афтæ архайой Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын цы ирон территоритæ ис, уыдон раздахыныл.

Юбилейный X съезд международного общественного движения Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Табуафси, нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ: Цхинвалы байгом ис уанел

"Архайын хъæуы фыдæлтæй баззайгæ территоритæ раздахыныл, кæцытæ сты Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын, — æз дзурын Тырсыгом æмæ Хъобы тыххæй. Арæн хъуамæ цæуа, кæйдæр зæрдæ балхæныны тыххæй нæ, фæлæ кæуылты æмбæлы, уым. Ӕгæр бирæ территоритæ сафæм. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй дарддæр ма уыд Триалеты Ирыстон дæр, цы ран уыд 12 хъæуы, абон дзы иу дæр нал ис, уыдон цардысты Сомихстонимæ арæныл", — бафтыдта уый.

Гаглойты Роберт ма йæ раныхасы сæйраг пункттæй иуы банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны баиу кæныны фарст дæр.

"Стыр нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фарстыл нымайын Ирыстоны цæгат æмæ хуссар баиу кæныны фарст Уæрæсейы сконды. Иу адæм стæм æмæ нын Хуыцау уыцы амонд ратдзæн æмæ нæ территори дæр баиу уыдзæн. Фæнды мæ Паддзахдон Алани æххæст æрцæуа Уæрæсейы сконды æмæ фæзына картæйыл", — загъта Гаглойты Роберт.

Уый ма раразмæ кодта, æппæтирон фæсивæдон форум æмæ конференци "Ирон æвзаг æмæ нацийы фидæн" ауадзыны хъуыды 2018 — 2019 азты. Стæй ма хъусдард аздæхта Ирыстоны дыууæ хайы ʻхсæн æфсæнвæндаг айгæрдыны хъуыддагмæ.

"Алагирæй Цхинвалмæ фæндагы дæргъ у 162 км. Ирыстоны ʻхсæн æфсæнвæндаг саразыны фарстыл дзырд цыд 2009 азы дæр. Мах хъæуы ацы хъуыддаг алыгкæныныл бакусын. Ныфс нæ ис, нæ къухдариуæггæнджытæ ацы фарст сывæрдзысты", —загъта уый.

Гаглойты Роберт ма æрсидт иу уысм æдзæмæй æрлæугæйæ ссарын "Стыр Ныхас"-ы бындурæвæрæг Гиоты Михаил æмæ ма æппæтирон змæлды куыстмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыцы зынгхуыст гоймæгты рухс нæмттæ.

© Sputnik / Наталья Айриян"Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанел
Юбилейный X съезд международного общественного движения Высший совет осетин - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанел

Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанел байгом ис сабаты Хуссар Ирыстоны — ирон диаспорӕты минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ дунейы бирӕ бӕстӕтӕй: Уӕрӕсе, Бразили, Ног Зеланди, Йемен, Канадӕ ӕмӕ Европӕйы бӕстӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0