ЦХИНВАЛ, 26 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Уӕрӕсейы президенты уынаффӕгӕнӕг Владислав Сурковы ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы сӕргълӕууӕг Александр Захарченкойы Кады Ордентӕй.
Хорзӕхджын кӕныны церемони ацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бӕрӕгбонон ӕмбырды рӕстӕджы, кӕцы у нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 10 азы сӕххӕсты цытӕн. Залы бадынц республикӕйы 350 уазӕгӕй фылдӕр.
"Алкӕцы хорзӕх дӕр у намыс. Уӕлдай дӕр та йӕ куы исыс хъаруджын ӕмӕ хъӕбатыр ирон адӕмӕй. Ахӕм бон ӕй райсын, хъайтарты куы мысӕм, уый у ноджы стырдӕр намыс", — загъта Сурков.
Уый банысан кодта, Уӕрӕсейы рдыгӕй Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад кӕй уыд зын, фӕлӕ раст уынаффӕ.
ДАР сӕргълӕууӕг хорзӕх райсыны фӕстӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны уыд фыццаг бӕстӕ, кӕцы банымадта Донбассы республикӕты хӕдбардзинад.
"Цалынмӕ удӕгас стӕм, уӕдмӕ мах уый нӕ ферох кӕндзыстӕм. Мах стӕм ӕфсымӕртӕ", — загъта Захарченко.
Республикӕйы сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майдантӕй медикты, журналистты, ӕфсӕддонты, кӕцытӕ 2008 азы августы ӕххӕст кодтой сӕ профессионалон хӕслӕвӕрдтӕ.
Бӕрӕгбонон ӕмбырды хорзӕхтӕ райстой 30 адӕймаджы, иумӕйагӕй та республикӕйы сӕргълӕууӕг бафыст 500 указ хорзӕхтӕ раттыны фӕдыл.
Хуссар Ирыстон хуыцаубоны нысан кӕны республикӕйы хӕдбардзинады банымады 10-ӕм юбилей. 2008 азы 26 августы "Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ УФ президент Дмитрий Медведев бафыста указ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл. Уӕрӕсейы фӕстӕ республикӕты суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.