Уазджытæн - уæлахиз: дзæуджыхъæуккаг шахматисттæ рамбылдтой Цхинвалы турнир

© Sputnik / Фатима Плиева Банымады бонæн нывонд турнир шахматтæй
Банымады бонæн нывонд турнир шахматтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывæллæтты ʻхсæн фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ бацахстой Бибылты æфсымæртæ Алан æмæ Марат Цæгат Ирыстонæй

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Банымады бонæн нывонд турниры шахматтæй Цхинвалы сывæллæтты ʻхсæн рамбылтой уазджытæ Дзæуджыхъæуæй, æртыккаг бынатыл та ацыд гимнази "Рухс"-ы ахуырдзау, фехъусын кодта Sputnik шахматты федерацийы президент Саулохты Георгий.

"Сывæллæтты ʻхсæн фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ бацахстой Бибылты æфсымæртæ Алан æмæ Марат, уыдон турнирмæ æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй, æртыккаг ссис мæ ахуырдзау гимнази "Рухс"-ы Цоциты Батрадз. Турнир ацыд тынг æндыгъд уавæрты, цалдæр æнæнхъæлæджы хатдзæджы дзы уыд, фæлæ рамбылдтой тыхджындæртæ", — загъта Саулохты Георгий.

© Sputnik / Фатима Плиева Банымады бонæн нывонд турнир шахматтæй
Турнир по шахматам в Цхинвале посвященный Дню признания независимости  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Банымады бонæн нывонд турнир шахматтæй

Турнир цыд æмрæстæджы хистæр кары спортменты ʻхсæн дæр. Фæлтæрд спортсментæ фыццаг хатт сфæлвæрдтой блиц-шахматты хъазт, цы ран хъазæгæн лæвæрд цæуы æрмæстдæр 3 минуты. Ам та радон хатт рамбылдта федерацийы президент Саулохты Георгий. Дыккаг призер ссис гимнази "Альбион"-ы шахматты ахуыргæнæг Тыбылты Ирбег æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд Хъахъхъæнынады министрады кусæг Къæбысты Эдуард.

Банымады бонæн нывонд турнир шахматтæй ацыд Цхинвалы къуырисæры. Архайдтой дзы 25 хъазæджы бæрц Цхинвал, Дзæуджыхъæу æмæ Къуаисайæ. Спортивон мадзал сарæзта Шахматты федераци, Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы спонсорон æххуысæй æмæ Паддзхадон университеты æмархайдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0