Ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ: Хуссар Иры делегаци фембӕлд Абхазы президентимӕ

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры делегаци фембӕлд Абхазы президентимӕ
Хуссар Иры делегаци фембӕлд Абхазы президентимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хаджимба фембӕлд Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ хицауады минӕвӕрттимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Сухуммӕ Абхазы хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik. Хӕдбардзинадыл тох кӕныны уӕлахиз ӕмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы суверенитеты банымады фӕстӕ хъӕуы ӕххӕст кӕнын ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ — аразын ног фидӕн, загъта РХИ парламенты сӕрдары хӕдивӕг Абхазы президент Рауль Хаджимбаимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз хуыцаубоны банысан кодтой республикӕты хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон. Цхинвалы ацыдысты егъау мадзӕлттӕ, цы ран хайад райстой сӕдӕ уазӕджы алыгъуызон бӕстӕтӕй. Сухуммӕ бӕрӕгбонмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны делегаци, кӕцыйы райста президент Рауль Хаджимба, хъусын кӕны дыццӕджы РХИ парламенты пресс-службӕ.

"Хӕдбардзинадмӕ фӕндаг уыд тынг зын. Нӕ адӕм фидар фӕлӕууыдысты ацы тохы. Егъау тыхархайд, патриотизм ӕмӕ иудзинады фӕрцы мах рамбылдтам. Уый уыд нӕ адӕмы егъау уӕлахиз. Ныр та нӕ адӕмӕн ис ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ, мах хъуамӕ аразӕм ног цард", — загъта хуссарирыстойнаг депутат.

© Пресс-служба парламента РЮОӔндӕр хӕслӕвӕрдтӕ: Хуссар Иры делегаци фембӕлд Абхазы президентимӕ
Делегацию Южной Осетии принял Президент Абхазии Рауль Хаджимба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕндӕр хӕслӕвӕрдтӕ: Хуссар Иры делегаци фембӕлд Абхазы президентимӕ

Фембӕлды рӕстӕджы Рауль Хаджимба банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы историйы афтӕ ӕрцыд ӕмӕ дыууӕ бӕстӕты Уӕрӕсе банымадта хӕдбар паддзахадтыл иу бон.

"Мах хъӕуы сфӕразын зындзинӕдтӕ, кӕцытӕ ис абон дунейы. Мах ма ноджы иу хатт фенын кодтам ӕнӕхъӕн дунейӕн, кӕй нӕ фӕнды аразын ӕмӕ размӕ кӕнын нӕ паддзахӕдтӕ", — загъта Хаджимба.

2008 азы 26 августы "Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ УФ президент Дмитрий Медведев бафыста указ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны фӕдыл. Уӕрӕсейы фӕстӕ республикӕты суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.

Ног хабӕртты лентӕ
0