Нывты конкурс Абхаз ӕмӕ Ирыстонимӕ хӕларады фӕдыл ацыд Днестргӕроны

© Официальное представительство РЮО в ПМР Нывты конкурс Абхаз ӕмӕ Ирыстонимӕ хӕларады фӕдыл ацыд Днестргӕроны
Нывты конкурс Абхаз ӕмӕ Ирыстонимӕ хӕларады фӕдыл ацыд Днестргӕроны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывтыл ӕртӕ адӕмы хӕларад равдисыны фадат уыд алкӕмӕн дӕр – финалмӕ ахызтысты 53 куысты

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Тирасполы Республикон галуаны схорзӕхджын кодтой нывты ӕхсӕнадӕмон конкурс "Абхаз, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Днестыргӕрон: хӕларад ӕнусты"-йы призерты. Конкурсы уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕн радтой дипломтӕ, ӕхца ӕмӕ лӕвӕрттӕ.

Конкурсы финалмӕ ахызтысты 53 куысты, кӕцыты равзӕрстой онлайн-хъӕлӕсдӕттынӕй. Хайадисджытӕ тематикӕ ӕвзӕрстой сӕхӕдӕг: нывгӕнджытӕ равдыстой Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны истори, культурӕ, традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. Афтӕ ма нывтыл Днестргӕроны ӕвзонг фӕсивӕд равдыстой, цы иудзинад ис ӕртӕ адӕмӕн.

© Официальное представительство РЮО в ПМР / Официальное представительство РЮО в ПМР Нывты конкурс Абхаз ӕмӕ Ирыстонимӕ хӕларады фӕдыл ацыд Днестргӕроны
Победители и призеры конкурса Абхазия, Южная Осетия и Приднестровье: дружба, скрепленная временем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывты конкурс Абхаз ӕмӕ Ирыстонимӕ хӕларады фӕдыл ацыд Днестргӕроны

Конкурсы уӕлахиздзауты равзӕрста профессионалон жюри, кӕцыйы сконды уыд Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Днестргӕроны Нывгӕнджыты цӕдисты уӕнгтӕ.

Мадзалы хайадисджытӕ иууылдӕр райстой дипломтӕ, уӕлахиздзаутӕн та радтой ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Афтӕ ма хицӕн куыстытӕн саргъ кодтой Днестргӕроны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) кусджытӕ. Зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ нывгӕнджытӕн радта Днестргӕроны ФХМ сӕргълӕууӕг Виталий Игнатьев.

"Мӕнӕн мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, конкурс кӕй рацыд ирд ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта бирӕ курдиатджын куыстытӕ. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй не 'взонг фӕсивӕд хӕлар уой, хайад исой иумӕйаг мадзӕлтты, цӕмӕй культурӕйы уылты нӕ бӕстӕты ӕхсӕн хӕларад фидар кӕна", — загъта уый.

Конкурс уыд нывонд 1992-1993 ӕзты Абхазы Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизыл 25 азы, Хуссар Ирыстоны ныхмӕ Гуырдзыстоны агрессийыл 10 азы ӕмӕ Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕстӕн. Конкурсы организатортӕ уыдысты Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ Днестргӕроны, Днестргӕроны ФХМ ӕмӕ рухсады министрады ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0