Хуссар Иры иу бонмӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕхсӕз ӕмбӕстаджы

© Sputnik / Сергей Венявский /  Ахизын медиабанкмæФыдгӕнӕджы ӕрцахст
Фыдгӕнӕджы ӕрцахст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдгӕнджытӕй фондз сты Тбилисы цӕрджытӕ, уыдон ӕрцахстой Хъелы цады цур

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) арӕнгӕрон службӕ уадзы басгӕрст республикӕйы территорийыл Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгты ӕрцахсты фӕдыл, фехъусын кодта ПӔК пресс-службӕ.

Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры арӕныл ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы

Паддзахадон арӕны сӕтджыты ӕрцахстой дыццӕджы Знауыры ӕмӕ Дзауы районы.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн паддзахадон арӕны хайы, Знауыры районы цӕрӕн пункт Балтайы цур паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг Харазишвили Георгий Иосебы фырты, кӕцы райгуырд 1951 азы Карелы районы Чвринисийы хъӕуы", — радзырдтой ПӔК-ы.

Уыцы бон ма Дзауы районы Хъелы цады цур паддзахадон арӕн фехалыны тыххӕй арӕн хъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны фондз ӕмбӕстаджы.

"Уыдон сты Маградзе Бека, 1988 азы гуырд, Маградзе Кетеван, 1989 азы гуырд, Гомури Мзия, кӕцы райгуырд 1992 азы, Губеладзе Вахтанг, 1997 азы гуырд ӕмӕ Багдошвили Гия, 1996 азы гуырд. Фыдгӕнджытӕ иууылдӕр разындысты Тбилисы цӕрджытӕ", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны ма бафтыдтой, зӕгъгӕ, скъуыддзаг цӕуы ӕрмӕджытӕ тӕрхондонмӕ бадӕттыны фарст.

Ног хабӕртты лентӕ
0