ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий саргъ кодта уӕрӕсейаг медикты куыстӕн, кӕцытӕ иу мӕй сгарстой республикӕйы цӕрджыты, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий цыппӕрӕмы райста уӕрӕсейаг федералон медико-биологон агентады (ФМБА) специалистты уагдоны разамонӕг Владимир Уйбайы сӕргълӕудӕй, кӕцытӕ иу мӕй уагътой диспансеризаци Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн.
"Нӕ республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министры доклад равдыста, диспансеризаци кӕй рацыд Хуссар Ирыстоны цӕрджыты цыппӕрӕм хай. Уый у иттӕг хорз фӕстиуӕг. Диспансеризаци ӕнӕмӕнг хъӕуы цӕуын, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ нысан у, цӕмӕй бӕрӕг кӕна низтӕ рагацау. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ дохтыртӕ кусой сымах медиктимӕ. Мӕн уырны ӕмӕ не 'мгуыстад адарддӕр уыдзӕн", — загъта Бибылты Анатолий.
Президент сфидар кодта приоритетон здӕхтытӕ, кӕцыты хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын хуссарирыстойнаг специалистты квалификацийы ӕмвӕзад.
Афтӕ ма Бибылты Анатолий саргъ кодта техникон кусджыты куыстӕн дӕр, кӕцытӕ хайад истой Хуссар Ирыстоны цӕрджыты масштабон диспансеризацийы.
ФМБА сӕргълӕууӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг медикты куыст сӕххӕст ис Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы хъӕппӕрисӕй ӕмӕ УФ президент Владимир Путины уынаффӕмӕ гӕсгӕ.
"Басгӕрстам 10 800 адӕймаджы. Басгӕрсты фӕстиуӕгӕн сбӕрӕг кодтам 900 зӕрдӕнизы, афтӕ ма невралогон низтӕ дӕр", — загъта Владимир Уйба.
Афтӕ ма уый фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадимӕ кӕй равзӕрстой пациентты, кӕцытӕн хъӕуы хос кӕнын Уӕрӕсейы специализацигонд медицинон центрты.
Хуссар Ирыстоны ФМБА медицинон къорды куысты хайад истой 61 специалисты. Пациенттӕн басгӕрст ауагътой республикӕйы алкӕцы районы дӕр.
РХИ президенты указмӕ гӕсгӕ агентады сӕргълӕууӕг Владимир Уйбайӕн радтой "Республикӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты" ном, ФМБА генералон директорӕн радтой майдан "Хуссар Ирыстоны адӕмы уӕлахизыл Фыдыбӕстон хӕсты 10 азы сӕххӕсты цытӕн".