Уӕрӕсейаг базӕ Хуссар Иры фӕстӕмӕ аппӕрста "террористты" бабырст

© Sputnik / Ада БагианУӕрӕсейаг базӕйы ахуыртӕ Хуссар Ирыстоны
Уӕрӕсейаг базӕйы ахуыртӕ Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзырдгонд террористтӕ уыдысты базӕйы разӕсгарӕн хайады ӕфсӕддонтӕ

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы хайадтӕ Хуссар Ирыстоны фӕстӕмӕ аппӕрстой "террористты" бабырст. Уый тыххӕй майрӕмбоны фехъусын кодта Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Военные учения ЮВО на Северном Кавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты сыстын кодтой фӕдисы

Ахӕм ахуыртӕ цыдысты Хуссар федералон зылды ӕндӕр хайадты дӕр, кӕцытӕ сты Цӕгат Кавказ ӕмӕ Хуссар федералон зылдты территорийыл, афтӕ ма уӕрӕсейаг базӕтыл Сомих ӕмӕ Абхазы.

Ахуырты хайад истой разӕсгарӕн, медицинон хайадтӕ, радиацион, химикон, биологон хъахъхъӕнынады хайадтӕ, зынгфӕдисон командӕтӕ, кӕцыты иумӕйаг нымӕц у 1,5 мин ӕфсӕддоны.

Дежурон тыхтӕ фӕстӕмӕ аппӕрстой дзырдгонд ныхмӕлӕууӕджы бабырст уадзӕн пункттӕ, хӕстон хӕдтулгӕты лӕууӕндӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕфсӕддон объекттӕй.

Ӕцӕг уавӕр саразыны тыххӕй дзырдгонд террористы хуызы уыдысты разӕсгарӕн хайадты ӕфсӕддонтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0